Хуссар Иры фыццаг хатт ацæудзæн адæмон зарæджы фестиваль

© Sputnik / Фатима ПлиеваФестиваль
Фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæмон сфæлдыстады центры кусджытæ ног фестиваль расидтысты адæмон зарджыты популяризаци кæныны нысанæн

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Адæмон сфæлдыстады центр фыццаг хатт ауадздзæн адæмон зарæджы фестиваль, уый суыдзæн уагдоны фæндзæм конкурс аивады фадыджы, фехъусын кодта Sputnik центры пресс-секретарь Къæбысты Зæринæ.

Сывæллæтты анимацийы фестиваль А-лол-лай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны ацæудзæн сывæллæтты анимацийы фестиваль "А-лол-лай"

Æрвылаз дæр культурæйы дæлбар Адæмон сфæлдыстады центр ауадзы цыппар сфæлдыстадон конкурсы кафынæй, зарынæй æмæ театралон аивадæй, ныр ма сæм æрбафтдзæн адæмон зарды фестиваль.

"Адæмон зарæджы популяризацийы æмæ фæсивæды адæмон сфæлдыстадыл фæцайдагъ кæныны нысанæн ацы аз центр сиды адæмон зарджыты æххæстгæнджытæм. Мадзал раргом кæндзæн курдиатджын адæмы нæмттæ æмæ дыккаг цард ратдзæн рагон адæмон зарджытæн", — загъта Къæбысты Зæринæ.

Уый ма банысан кода, 2018 азы центр кæй сфæлхатт кæндзæн фестивальтæ "Ирыстоны хъæлæстæ", "Хонгæ кафт", "Бинонтæ – курдиаты стъалыгуппар" æмæ æндæр культурон мадзæлттæ.

"2017 азы фестивальты уæлахиздзаутæн та сараздзыстæм гала-концерттæ, цæмæй сфæлдыстады ирд архайджытæ рохуаты ма уой. Концерттæ ацæудзысты районты дæр", — бафтыдта пресс-секретарь.

Ног хабӕртты лентӕ
0