Паддзахад æххуыс кæндзæн ирон æвзагыл дзурæг ДИФ-тæн

© Sputnik / Ада БагианГазет
Газет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны премьер-министр паддзахадон ДИФ-ы бындурон хæслæвæрдыл нымайы ирон æвзаджы популяризаци

ЦХИНВАЛ, 24 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик банысан кодта, паддзахад фылдæр бæрцæй кæй хъуамæ æххуыс кæна ирон æвзагыл дзурæг дзыллон информацийы фæрæзтæн (ДИФ). Уый тыххæй хицауады сæрдар фехъусын кодта паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзты сæргълæуджытимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны премьер-министры пресс-службæ.

"Нæ хæслæвæрд у ирон æвзаджы популяризаци, уый нымæцы ирон æвзагыл цæуæг периодикон мыхуыры фæрæзты руаджы. Уыдон хъæуы уæлдай æххуыс паддзахады æрдыгæй", — загъта Пухаты Эрик.

Уынаффæ ма цыд бынæттон дзыллон информаци фæрæзты парахат кæныныл Уæрæсейы Федерацийы медиатыгъдадыл.

Мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæг Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Уæрæсейы чи цæры, уыдон æрбахатынц паддзахадон комитетмæ, цæмæй сын радтæм фадат хуссарирыстойнаг мыхуыры фæрæзтæ рафыссын "Почта России"-йы уылты. Уый фæдыл хицауад нывæнды бакусын республикон мыхуыры фæрæзтæ уæрæсейаг прессæйы каталогмæ бахæссыныл.

Рабадты рæстæджы ма, ДИФ-ы сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой æххæстгæнæн хицауады органты пресс-службæты куысты гъæды фарстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0