ФХМ: Мæскуы нæ атигъ кæндзæн йæхи Хуссар Иры банымадыл Тбилисы пайдайæн

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæГригорий Карасин
Григорий Карасин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы фæнды сæндидзын кæнын хæларсыхагон ахастытæ Гуырдзыстонимæ, фæлæ нæ атигъ кæндзæн йæхи Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фæдыл ахсджиаг уынаффæтыл, фехъусын кодта Григорий Карасин

ЦХИНВАЛ, 25 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны фæдыл скъуыддзаг райст æрцыд æлхынцъонæй æмæ не ′рцæудзæн ивд Гуырдзыстонимæ дипломатон ахастытæ сæндидзын кæныны тыххæй, фехъусын кодта Уæрæсейы ФХМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг Григорий Карасин йæ интервьюйы газет "Коммерсант"-æн.

Гуырдзыстон фехæлдта дипломатон ахастытæ Уæрæсеимæ 2008 азы, Мæскуы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон суверенитет куы банымадта, уый фæстæ.

Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон фехъусын кодта æхсты тыххæй Гуырдзыстонимæ арæныл

"Дипломатон ахастытæ фехæлдта Гуырдзыстон. Тбилисы нымадмæ гæсгæ, сæ сæндидзыны домæн у, цæмæй Уæрæсе йæхи атигъ кæна Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы банымадыл. Фæлæ мах ууыл не ′сразы уыдзыстæм. Уынаффæ у æлхынцъон. Мах кусæм ацы дыууæ æрыгон кавказаг республикæтимæ нæ ахастыты размæцыдыл. Ис нын егъау бадзырдон-барадон базæ, кæцыйæн йæ нысан у æмархайд фæарфдæр кæнын", — загъта дипломат.

Карасин бафтыдта, зæгъгæ, "куыддæр гуырдзиаг фарс уа цæттæ ног реалитæ хыгъдмæ райсгæйæ дипломатон ахастытæ сæндидзын кæнынмæ, уæд мах æвæстиатæй ратдзыстæм æвæрццаг дзуапп".

"Мах разы стæм хæларсыхагон уæрæсейаг-гуырдзиаг ахастытæ сæндидзын кæныныл, фæлæ, ноджы ма йæ зæгъон, уый тыххæй мах нæ атигъ кæндзыстæм нæхи ахсджиаг уынаффæтыл Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитет банымайыны фæдыл", — бахахх кодта Уæрæсейы ФХМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0