ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æрцыд официалон визитимæ Республикæ Наурумæ. Майрæмбоны уый хайад райста дизелон-генераторон станц бакæныны церемонийы, кæцы арæзт æрцыд Австрали, Инди æмæ Тайваны хайадистæй æмæ Евроцæдисы æххусæй, хъусын кæны Хуссар Иры ФХМ-ы пресс-службæ.
Визит адарддæр уыдзæн 1 февралы онг. Медойты Дмитрий райсдзæн хайад Науруйы хæдбардзинады сæххæстыл 50-азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты, кæцы республикæ нысан кæны 31 январы.
Визиты фæлгæтты министр фембæлдзæн Науруйы президент Барон Дивавеси Вакаимæ, уыдон æруынаффæ кæндзысты дыууæ бæстæты æхсæн æмгуыстады райрæзты уавæр æмæ фадæттыл, афтæ ма æмархайдыл æхсæнадæмон хъуыддæгты.
Республикæ Науру – паддзахад Науруйы сакъадахыл, Сабыр фурды хуссар-ныгуылæйнаг хайы. 2009 азы Науру банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уæд ма бæстæтæ бафыстой документтæ дипломатон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй.