Цæболты Хетæг ссис Ярыгины номыл турниры Гран-прийы хицау

© ВКонтактеЦæболты Хетæг
Цæболты Хетæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ярыгины турниры 74 кг онг уæзы категорийы иууыл хуыздæр ссис ирыстойнаг богал Цæболты Хетæг

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Цæболты Хетæг схызт Ярыгин-2018 Гран-Прийы пьедесталы фыццаг къæпхæнмæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Владислав Валиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлахизмæ 13 ирон претенденты: фидар æрцыд турнир "Иван Ярыгин"-ы сконд

Финалон тохы 74 кг уæзы категорийы уый рамбылдта Сидахъты Зауырбеджы 3:1 хыгъдæй. Ацы хорзæх ссис Хетæджы фыццаг сыгъзæрин майдан Иван Ярыгины номыл турниры Гран-прийы.

Ерысты фæстаг бон ма бронзæ майдан рамбылдта Хуыбецты Къахабер дæр, кæцы фæуæлахиз Мухаммет Демирыл (Турк).

Ног хабӕртты лентӕ
0