Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ фендзысты Гасситы Мурæты тох

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Мурæт
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны астæуккаг æмæ хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ, скъола-интернат æмæ Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ абалц уыдзысты ирон боксеры фарс балæууынмæ

ЦХИНВАЛ, 29 янв— Sputnik. Республикон фæсивæдон æхсæнадон организаци "Иугонд Алани" сорганизаци кодта балц ирон боксер Гасситы Мурæт æмæ кубæйаг Юниер Дортикосы тохмæ Сочимæ 40 фарсхæцæгæн Хуссар Ирыстонæй, хъусын кæны организацийы пресс-службæ.

Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фадзайты Арсен фехъусын кодта Гасситы Мурæты тохмæ балцæг чи рамбылдта, уыцы авторы ном

Балц организацигонд æрцыд президенты администраци æмæ комкоммæ Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Бибылты Анатолийы, афтæ ма парти "Иугонд Ирыстоны" æххуысæй.

Бæлццæтты æхсæн сты 30 сывæллоны — Хуссар Ирыстоны астæуккаг æмæ хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ, скъола-интернат æмæ Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ. Се ′хсæн сты æрыгон спортсментæ боксы секцитæй, кæцытæ хъахъхъæнынц нæ республикæйы кад æхсæнадæмон турнирты.

Бæлцæттæ афæндараст уыдзысты 2 февралы хæрзвадат автобустыл, хæрд æмæ æхсæвиуатимæ дыууæбынатон номыртимæ отелы, уымæй дарддæр ма сын рахицæн кæндзысты ирд æмæ рæсугъд атрибутикæ.

Гасситы Мурæт 3 февралы Сочийы Ихын галуан "Большой"-ы аренæйыл фембæлдзæн Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналист Юниер Дортикосимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0