Турчы ирæттæ банысан кæндзысты зындгонд хореограф Плиты Нодары юбилей

© Sputnik / ЦИ-А Культурайы министрады сайтПлиты Нодар
Плиты Нодар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Уæрæсейы сгуыхт артист, номдзыд кафæг йæхæдæг дæр райсдзæн хайад концерты

ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Турчы сæйраг горæттæй иуы — Стамбулы ацæудзæн Цæгат Ирыстоны адæмон артист Плиты Нодары юбилейæн нывонд сфæлдыстадон изæр, хъусын кæны РЦИ-Аланийы культурæйы министрады пресс-службæ.

"Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Уæрæсейы сгуыхт артист, зынгæ кафæг æмæ хореограф Плиты Нодары юбилей арæзт цæуы артистæн йæ ахуыргæнинæгты æмæ черкесаг æхсæнады тыхтæй. Мадзалы архайдзæн юбиляр йæхæдæг дæр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ирон артисты юбилейон концерт Стамбулы ацæудзæн 5 февралы 20.30 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0