Бибылты Анатолий æрдзырдта Хуссар Иры хæдзæртты арæзтады æмгъуыдтыл

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæПырх фатер Цхинвалы
Пырх фатер Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент базонгæ ис цæрæнуаты арæзтадимæ Цхинвалы цæрджытæн, кæцытæ баззадысты æнæ хæдзæрттæй 2008 азы августы

ЦХИНВАЛ, 30 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы цы хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон сæндидзын кæныны фарст скъуыддзаг æрцæудзæн дыууæ азмæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны йæ пресс-службæ.

Паддзахады сæргълæууæг дыццæджы бабæрæг кодта цалдæр ног хæдзары, кæцытæ аразынц, æфсæддон архæйдтыты рæстæджы сæ хæдзæрттæ кæмæн ныппырх сты, уыцы цæрджытæн.

Фæндæгты арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног Инвестпрограммæ: цы сараздзысты Хуссар Ирыстоны 2018-2019 æзты

Президент цы хæдзæрттæм бацыд, уыдон фарон августæй аразы арæзтадон организаци "Шанс". Фирмæйы директор Козаты Игоры ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн арæзт æрцыдысты дыууæ хæдзары æмæ цалцæг æрцыд, сармадзаны нæмыг цы фатермæ бахауд, уый.

"Мах сæвæрдтам бæлвырд социалон уаргъ нардуатисджытыл. Мæ нымадмæ гæсгæ, уый хорз практикæ у æмæ йæ хъæуы адарддæр кæнын. Зæгъæм, хæдзæрттæй иу арæзт æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранæн, кæцыйыл ацы аз æххæст кæны 101 азы", — загъта президент.

Уый бахахх кодта, 2008 азы августы цы хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон арæзт кæй æрцæудзысты æввахсдæр дыууæ азмæ.

Арæзтцæуæг хæдзæрттæй иуы хицау куыд радзырдта, афтæмæй йын йæ хæдзар сцалцæг кодтой 2010 азы, фæлæ куыстытæ фауццагæй кæй сæххæст кодтой, уымæ гæсгæ æртæ азы фæстæ хæдзар ныккалд.

"Мах тынг цин кæнæм ног хæдзарыл. Ӕнхъæл дæр нæ уыдыстæм, кæй нын æй сараздзысты. Стыр бузныг нæ къухдариуæгадæн ног хæдзары тыххæй!", – загъта уый.

Тельманы уынгыл фатер уыд иууылдæр пырх сармадзаны нæмыгæй. Хæдзары хицауы ныхæстæм гæсгæ, 2008 азæй фæстæмæ, æхсæз адæймагæй бинонтæ цæрынц арендæйы ист цæрæнуаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0