Ӕнæниздзинад æмæ ахуырад горæт Къуайсайы

© Sputnik / Наталья АйриянКъуайса
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуайсайы поликлиникæйы кусынц итæг хорз специалисттæ, горæты скъолайы ахуырдзаутæ та исынц хорз ахуырад

ЦХИНВАЛ, 30 янв— Sputnik, Гæбæраты Ян. Горæт Къуайсайы (Хуссар Ирыстоны Дзауы район) рынчындоны ног бæстыхайы ис бирæ адæм: уыдон æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ æмæ цæуылдæрты дзурынц, медицинон хотæ зилынц палатæтыл æмæ ныхас кæнынц рынчынтимæ. Ам у тынг сыгъдæг æмæ хъарм.

© Sputnik / Наталья АйриянКъуайсайы рынчындон
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуайсайы рынчындон

Палатæты хуыссынц фылдæр бæрцæй ацæргæ кары адæм. Поликлиникæйы сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульяна куыд банысан кодта, афтæмæй горæты хистæр кары адæм фылдæр тыхсынц туджы бæрзонд æлхъывдад æмæ сæкæрнизæй. Поликлиникæйы уыдонмæ ис хорз æркаст, ифтонг сты хостæй, бахъуыды рæстæджы сæ арвитынц стационармæ.

"Фæстаг рæстæджы Къуайсайы сарæх сты онкологон низтæ, уæлдайдæр хистæр кары адæмы æхсæн. Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, уымæн йæ аххосæг у уæлдæфы чъизидзинад, фæлæ мæ нымадмæ гæсгæ, уый у фæсхæст стрессы фæстиуæг", — загъта сæйраг дохтыр.

Рынчындоны цур поликлиникæ аразы лæггæдты æххæст спектр хирурги æмæ акушерон лæггæдтæй дарддæр: гинекологи, педиатри, УЗИ. Ис дзы стоматологон хайад, цы ран кусы республикæйы хуыздæр стоматологтæй иу. Йæ лæггæдтæ йын зæрдиагæй кæй агуырынц, ууыл дзурæг дæргъвæтин рад йæ кабинеты дуары раз.

© Sputnik / Наталья АйриянКъуайсайы поликлиникæйы сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульяна
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуайсайы поликлиникæйы сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульяна

Поликлиникæйæ чысыл фалдæр ис Къуайсайы астæуккаг скъола. Ам ахуыр кæны 145 сывæллоны, кусы дзы 29 ахуыргæнæджы. Скъола фæстæ нæ лæууы ног технологитæй: ам ис информатикæйы кабинет, интерактивон къластæ.

Уæлдай акцент къухдариуæгад æвæры æрдзон зонадыл, уымæ гæсгæ хими æмæ физикæйы кабинеттæ ифтонг сты нырыккон стандарттæм гæсгæ.

© Sputnik / Наталья АйриянСкъолайы директор Хуыгаты Суликъо
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скъолайы директор Хуыгаты Суликъо

Ацы мадзæлттæн ис æвæрццаг æндæвдад скъоладзауты ахуырадыл. Скъолайы директор Хуыгаты Суликъо, бирæ премиты лауреат, равдыста дипломтæ æмæ бузныджы грамотæты баст, кæцытæ ахуыргæнинæгтæ рамбылдтой районон æмæ республикон ерысты.

"Махмæ ис алы фадæттæ дæр спорты уроктæн: ис нын стыр спортивон зал æмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг экипировкæ. Нæ сывæллæттæ хорз равдисынц сæхи футболæй ерысты æмæ зарницæты", — загъта директор.

© Sputnik / Наталья АйриянКъуайса
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуайса

Уый ма банысан кодта, ацы аз скъола кæй æййафы чингуыты хъуагдзинад цалдæр предметæй.

"Нæ нын фаг кæнынц чингуытæ æмæ кусæгон тетрæдтæ англисаг æвзаг æмæ ирон литературæйæ, ахуыргæнинæгтæ сæ кæнынц æлхæнгæ. Хъæуы ма нæ фылдæр классикон литературæ: Толстой, Достоевский æмæ Чеховы чингуытæ", — бафтыдта Хуыгаты Суликъо.

Ног хабӕртты лентӕ
0