Хуссар Ирыстоны депутатты мыздтæ фæфылдæр сты цалдæр хатты

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутатты мыздтæ схызтысты, парламент куысты профессионалон бындурмæ кæй рахызт, уый тыххæй

ЦХИНВАЛ, 31 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста барастгæнинæгтæ æххæстгæнæн органты кусджыты куыстмыздтæ сфидар кæныны фæдыл уынаффæмæ.

Плиты Агуындæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг ацыд отставкæйы

Документмæ гæсгæ, профессионалон иудадзыг бындурыл депутаттæ исдзысты 25 920 сомы бæрц куыстмызд. Парламенты аппараты къухдариуæггæнæджы, парламентон комитетты сæргълæуджыты хæдивджытæ æмæ парламенты иудадзыг къамисты сæргълæуджытæ исдзысты мызд 27 540 сомы.

Закондæттæн органы къухдариуæгон бынæттæ чи нæ ахста, уыцы депутаттæн раздæр сæ мызд уыд фондз мин сомæй къаддæр.

2017 азы кæрон паддзахады сæргълæууæг бафыста конституцион закон профессионалон парламенты фæдыл æмæ 2018 азы 1 январæй парламент рахызт куысты профессионалон бындурмæ.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны депутаттæн нал уыдзæн бар кусын æндæр бынæтты

Уый тыххæй парламентæй ацыдысты парти "Иугонд Ирыстон"-ы депутаттæй дыууæйæ – ПТРК "Ир"-ы директор Чилæхсаты Георгий æмæ сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты разамонæг Бекъойты Геннадий.

Депутатон бынæттæ не ′суæгъд кодтой Плиты Агуындæ, Плиты Александр, кæцытæ раздæр куыстой æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæджы æмæ республикон рынчындоны анестезиологи æмæ реанимацийы хайады гæсы бынæтты.

Депутатты фылдæр хай скъуыддзаг кæны, баззайдзæн кусын парламенты æви ацæудзæн æмæ фыццаг сессийыл арæзт æрцæудзæн депутатон корпусы æлхынцъон сконд.

Ног хабӕртты лентӕ
0