Цхинвалы цӕрӕджы марӕг хӕдзары дардта хӕцӕнгарз

© Sputnik / Наталья АйриянПолигоны
Полигоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ дарддӕр кӕнынц фӕдӕвзарӕн мадзӕлттӕ резонансон фыдракӕнды фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Козаты Диана. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ауагътой басгӕрст Дзауы районы Мугуты хъӕуы цӕрӕджы хӕдзары, кӕцыйы аххӕсджын кӕнынц цхинвайлаг 33-аздзыд Къодоты Вадимы амарыны, хъусын кӕны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæдæвзард сбæлвырд кодта Хуссар Ирыстоны цæрæджы амарыны мотив

Къодоты Вадимы буар ссардӕуыд хуыцаубоны изӕры йӕ машинӕйы мидӕг. Лӕппуйӕн ӕхст уыд йӕ сӕр. Милицийы кусджытӕ ӕрцахстой 34-аздзыд Гаглойты Владиславы, кӕцы басаст фадракӕндыл.

"Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ дарддӕр кӕнынц фӕдӕвзарӕн мадзӕлттӕ цауы ӕууӕлтӕ иууылдӕр сбӕрӕг кӕныны фӕдыл. Лӕгмарды зӕрдӕхсайгӕ лӕппуйы хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы ссардӕуыд автоматикон хӕцӕнгарз АК 5,45 миллиметры калибры, афтӕ ма дыууӕ магазин ӕмӕ 60 нӕмыгимӕ. Уыдон иууылдӕр ӕрцыдысты ист", — загътой МХМ пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр ма, хъомдоны ссардӕуыд ноджы иу хӕцӕнгарз — винтовкӕ "Мосина" ӕмӕ Калашниковы автоматы иу хай.

Раздӕр прокуратурӕ баконда уголовон хъуыддаг лӕгмард ӕмӕ хӕцӕнгарз ӕнӕзакононӕй химӕ дарыны фактыты фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0