Медойты Дмитрий фембæлд Микронезийы президентимæ

© МИД РЮОМедойты Дмитрий фембæлд Микронезийы президентимæ
Медойты Дмитрий фембæлд Микронезийы президентимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр ис официалон визитимæ Республикæ Науруйы

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik. Наурумæ йæ визиты фæлгæтты Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сæргълæууæг фембæлд Микронезийы Федеративон Штатты президент Питер Кристианимæ.

Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг хайад райста Науруйы цытджын мадзӕлтты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг хайад райста Науруйы цытджын мадзӕлтты

"Фембæлды рæстæджы фарсытæ æрдзырдтой кæрæдзийæн цымыдисаг фарстытыл, бахахх кодтой æхсæнадæмон æмгуыстады ахсджиагдзинад хæстыты æмæ фыдмийы алы хуызты ныхмæ тохы, афтæ ма нæ алыварс дуне бахъахъхъæныны тыххæй тыхтæ æрбангом кæныны æнæмæнгхъæуындзинад", — загътой дипломатон уагдоны пресс-службæйы.

Президент Кристиан банысан кодта Хуссар Ирыстоны минæвæртты хайадисты æвæрццаг нысаниуæг Науруйы юбилейон мадзæлтты.

Пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ФХМ-ы сæргълæууæг ауагъта фембæлд Рсепубликæ Индонезийы хицауады сæрмагонд минæвар Николас Мессетимæ, кæцыйы рæстæджы уыдон загътой сæ хъуыдытæ кæцыдæр актуалон æхсæнадæмон æмæ регионалон темæтыл.

Медойты Дмитрий базонгæ кодта Николас Мессеты Республикæ Хуссар Ирыстоны историимæ æмæ йæ æхсæнадæмон уавæримæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0