Гасситы Мурæт арвыста нокауты кубæйаг Юниер Дортикосы

© Sputnik / Владимир Сергеев /  Ахизын медиабанкмæТох Гасситы - Дортикос
Тох Гасситы - Дортикос - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тох ацыд Ӕппӕтдунейон боксерон суперсерийы фæлгæтты 3 февралы Сочийы, IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурæт йæ титулмæ бафтыдта WBA-йы титул дæр

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Гасситы Мурæт фæуæлахиз Юниер Дортикосыл. Ацы уæлахиз радта фадат ирон спортсменæн Ӕппæтдунейон суперсерийы финалмæ рахизын.

Дортикос райдыдта тох размæ æлхъывдæй, фæлæ Мурæт дыууæ хатты ныццавта Дортикосы гуыр фыццаг раунды. Дыккаг раунды уый сæххæст кодта бынæй рахис фарсонæй комбинаци.

Гасситы Мурæты тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг рамбылдта билет Гасситы Мурæты тохмæ æмæ йæ радта йæ фырты фыртæн

Ныхмæлæуды темп фæивта тохы æмбисмæ æввахс. Гасситы Мурæт цалдæр тыхджын цæфы фæкодта Дортикосы корпус, фæндзæм раунды кæрон та уый балхъывта кубæйагы канаттæм.

Фæстаг раундты уæлахиз уыд ирон чемпионы къухты. Дортикос ма тыххæй лæууыд йæ къæхтыл, фæлæ адарддæр кодта тох.

Фæстаг раунды Мурæт дыууæ хатты арвыста Дортискосы нокдауны – уый рахауд рингæй.

WBSS финалы Гасситы Мурæт фембæлдзæн WBC æмæ WBO чемпионимæ — украинæйаг Александр Усикимæ. Суперсерийы финал ацæудзæн 11 майы Саудовская Аравияйы.

Ацы уæлахиз ссис 26-æм тох 24-аздзыд Гасситы Мурæтæн 26 тохы (19 нокауты). 31-аздзыд Дортикосæн ацы фæхæрд ссис фыццаг 22 уæлахизы фæстæ (21 нокауты).

Ног хабӕртты лентӕ
0