Цæгат Ирыстоны сæвæрдзысты цырт фæстаг алайнаг паддзахæн

Рафыссын
Цырт нывæндынц сæвæрын Сæрибардзинады фæзуатыл Дзæуджыхъæуы

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны расидтысты фæстаг алайнаг паддзах Ос-Бæгъатырæн хуыздæр цырты фæдыл проектты конкурс, хъусын кæны NEWS-R Дзæуджыхъæуккаг епархийы пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.

Цырты хуыздæр эскизон проект саразыны тыххæй конкурс расидт æрцыд регионы скульптортæ, нывгæнджытæ æмæ историкты фембæлды рæстæджы.

Дзӕуджыхъӕуы ацыд равдыст Алани: ивгъуыд афтоны фӕлгӕнцтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы ацыд равдыст "Алани: ивгъуыд афонты фӕлгӕнцтӕ"

"Ацы темæ рагæй ис алы ироны, Ирыстоны алы цæрæджы хъуыдыйы дæр. Ос-Бæгъатыр, кæцы тох кодта алайнаг адæмы хæдбардзинады сæрыл, абон у Ирыстоны националон символ æмæ йын цырт хъуамæ лæууа Дзæуджыхъæуы историкон хайы, горæты централон фæзуатыл. Ӕмæ нæ ныфс ис, Ос-Бæгъатыры монумент саразыны проект хаст кæй æрцæудзæн Аланийы Дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты программæмæ", — фехъусын кодта республикæйы нывгæнджыты цæдисы сæргълæууæг Мæргъиты Таймураз.

Конкурсы организатортæ сты Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты цæдис, республикæйы истори æмæ археологийы институт æмæ мæскуыйаг компани "ДальЛес". Конкурсы бындурæвæрæг æмæ спонсор ссис компанийы бындурæвæрæг, меценат Мæскуыйæ Мæргъиты Зауырбег.

Ног хабӕртты лентӕ
0