Марат Кулахметов Мæскуы æмæ Цхинвалы ахастыты тыххæй: æнæ конъюнктурæйæ

© Sputnik / Наталья АйриянМарат Кулахметов
Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны радзырдта, цæуыл бындуриуæг кæнынц дыууæ бæстæты ахастытæ

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ бындуриуæг кæнынц æмцæдисад æмæ интеграцийы принциптыл æмæ сæм конъюнктурон дызæрдыгдзинæдтæ æмхиц не сты, загъта УФ-йы минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов Дипломатон кусæджы боны фæдыл йæ раныхасы.

Уæрæсейаг дипломаттæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон 10 февралы.

Миротворец стал послом: Кулахметов снова в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фидауынгӕнӕг ссис минӕвар: Кулахметов та ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

"Хæларадон уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ бындуриуæг кæнынц æмцæдисад æмæ интеграцийы принциптыл. Уыдоныл не ндавынц конъюнктурон дызæрдыгдзинæдтæ, ис сын динамикон райрæзт æмæ азæй азмæ йемыдзаг кæнынц ног мидисæй. Арæзт æрцыд уæзджын дыууæварсон бадзырдон-барадон бындур. Ӕмархайды фыццаградон фæдыздæхт – республикæйы экономикæ æмæ социалон къабазы райрæзт, кæцы ныры онг дæр йæ къахтыл кæронмæ не слæууыд дæргъвæтин æзты блокадæ æмæ Гуырдзыстоны æрдыгæй хотыхджын агрессийы фæстæ", — загъта Кулахметов.

Уый бахахх кодта, Уæрæсе дарддæр дæр кæй кæны егъау æххуыс Хуссар Ирыстонæн, æмрæстæджы аразы разæууæлтæ йæ хæдбардзинад сифтонг кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0