Уазæгдонон комплекс Куырттаты комы æрбайгом уыдзæн ацы аз

© Sputnik / Анна КабисоваФиагдон
Фиагдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Туристон комплексы арæзтадыл бахардз 444 милуан сомы

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Уазæгдонон комплекс Куырттаты комы, кæцы райдыдтой аразын фарон, ратдзысты эксплуатацимæ 2018 азы дыккаг æмбисы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы экономикон райрæзты министр Томайты Хъазбег Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецовимæ фембæлды рæстæджы.

Турист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны сараздзысты фыццаг туристон-информацион центр

Туристон комплексы арæзтадыл бахардз 444 милуан сомы, уыдонæй 160 милуан сомы рахицæнгонд æрцыдысты федералон бюджетæй, аннæтæ та рахицæн кодта проекты бындурæвæрæг. Уымæй дарддæр ма, инвестор Хæдæрцаты Игорь куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ цæттæ кæнынц сметæйон документаци 1, 8 км дæргъæн хæххон-къахкъæлæттон трассæйæн.

Проект реализаци цæуы паддзахадон программæ "2025 азы онг Цæгат Кавказаг федералон зылды размæцыды" фæлгæтты. Кузнецов банысан кодта, программæ кæй æвдисы йæ эффективондзинад бюджетон æмæ хисæрмагонд инвестицитæ æрбангом кæныны хъуыддаджы, уымæ гæсгæ ахæм проектты нымæц хъæуы фылдæр кæнын.

"Ис нын реалон курс æмæ нæ хъæуы бакусын ахæм проекттыл, кæцытæ ахъаз уыдзысты адæмы куыстæй сифтонг кæнын. Афтæ ма уый у ахсджиаг мидæггагон регионалон продукт фæфылдæр кæнынæн. Цæрджыты царды гъæд ис гæнæн фæхуыздæр кæнын æрмæстдæр экономикæйы реалон секторы размæцыды фæрцы", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0