ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ банхъардтой бахæссын барастгæнинæгтæ паддзахадон символикæйы фæдыл законмæ. Парламентарийты хъуыдымæ гæсгæ, ирон тырыса, афтæ ма ирон сыгъдæг зæдты хуызисттæй цавæрдæр базайрæгтыл амалиуæггæнджытæ нæ пайда кæнынц нысанмæ гæсгæ.
Фарст парламенты рабадтыл систа парти "Адæмы иудзинад"-ы депутат Хуыбиаты Альберт. Сæрмагондæй, уый аздæхта хъусдард, Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса кæй у æвдыст "Остелеком"-ы фиддонты картæтыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæм ацы фарстимæ арæх фæцæуынц æвзарджытæ.
"Фиддонты картæтæ стæй аппарынц бырондонмæ, уымæ гæсгæ, ахæм хуызы нæ символикæйæ пайдакæнынад у æнæрайсинаг", — загъта уый.
Депутат банысан кодта, фарстыл уынаффæ кæй цыд парламентон комитеты рабадтыл дæр, кæцыйы уæнгтæ бахастой фæндон фарст сессийы радон рабадтмæ рахæссын æмæ райсын æлхынцъон скъуыддзаг.
"Хорз уаид, парламенты къухдариуæгады номæй æрвыст куы æрцæуид фыстæг "Остелеком"-ы къухдариуæггæнæджы номыл, цæмæй уыдон ахæм нысæнтты мауал пайда кæной паддзахадон символикæйæ", — банысан кодта Альберт.
Парламенты спикер Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, хъæуы бахæссын æмбæлон закондæттæн ивындзинæдтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæ зоной, кæд æмæ кæм ис гæнæн спайда кæнын паддзахадон символикæйæ.
Фыццаг вице-спикер Мамиты Инал бахаста фæндон Республикæ Хуссар Ирыстоны атрибуттæй пайдакæнынады фæдыл закон ранæуæг кæныныл бакусын, уымæн æмæ депутаты хъуыдымæ гæсгæ, уый раджы базæронд.