Транскам æрбайгом фæндагон змæлдæн

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд барамындæй фæндаг æрбакодтой 15:00 сахатыл

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Транскам фæндагон змæлдæн æрбакодтой 11-сахатон тобæйы фæстæ, фехъусын кодтой  Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.

"Къуырисæры 15:00 сахатæй æрбакодтой фæндагон змæлд транспорты æппæт хуызтæн дæр Транскавказы автомагистралыл", — загътой уагдоны.

Транскавказы автомагистралыл фæндагон змæлд уыд тобæгонд къуырисæры 4.00 сахатæй фæстæмæ. Трассæйыл тæссаг уыд зæйтæ рацæуынæй, стыр митуард фæстиат кодта фæндагон змæлд.

Транскавказы магистраль цæуы хæххон бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцыйыл ацæуæн ис Уæрæсемæ Хуссар Ирыстонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0