Хуссар Иры нысан кæнынц МСНК-ы бындурæвæрды бон

МСНК-ы кусджытæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон
МСНК-ы кусджытæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
МСНК-ы кусджытæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Газзаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд нысан кæнды йæ бындурæвæрдыл 26 азы сæххæсты бон, хъусын кæны МХМ пресс-службæ. Хисæрмагонд сконды цытджын ралæуд ацæудзæн МСНК-ы территорийл.

Хуссар Иры МСНК-ы кусджытæ равдыстой сæ арæхстдзинад æмбуар хæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МСНК-ы кусджытæ равдыстой сæ арæхстдзинад æмбуар хæстæй

"Мадзæлтты нывæзтмæ гæсгæ бæрæгбоны фæдыл МСНК-ы кусджытæн раарфæ кæндзæн  президент Бибылты Анатолий  æмæ  мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.  МСНК –ы кусджытæн лæвæрд æрцæудзæн паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæ. Абон ма дидинтæ сæвæрдзысты МСНК-ы  фемардуæвæг  кусджыты мемориалон цыртыл", — загътой пресс-службæйы.

ХИ МХМ МСНК арæзт æрцыд  14 февралы 1992 азы. Бындурæвæрæг æмæ фыццаг командир уыд  Гæззаты  Вадим. Абон МСНК-æн разамынад дæтты милицийы булкъон  Плиты Игорь.

Ног хабӕртты лентӕ
0