Джиоты Аэлита: сывæллæттæ хъуамæ æууæндой хистæртыл

© Sputnik / Наталья АйриянВолонтерон проект "Нæ фарсмæ"-йы автор Джиоты Аэлита
Волонтерон проект Нæ фарсмæ-йы автор Джиоты Аэлита - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг æхсæнадон архайæг радзырдта социалон проект "Нæ фарсмæ"-йы тыххæй

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik, Уалыты Диана. Волонтерон проект "Нæ фарсмæ"-йы автор Джиоты Аэлита социалон хызæгты æмæ ПТРК "Ир"-ыл авторон алæвæрды руаджы дзуры бинонты тыххæй, цы ран хъомыл кæнынц сидзæр сывæллæттæ. Пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik, кæцы нывонд уыд зынархайд сывæллæттæн, уый банысан кодта, цыбыр æмгъуыдмæ кæй разынд бирæ адæм, кæцытæ сты цæттæ баххуыс кæнынмæ.

"Радон хатт та уыдтæн æвдисæн, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ кæй сты тынг хæларзæрдæ. Хъуыддаг æрмæст материалон æххуысы нæй. Чидæриддæр бацыд бинонтæм æмæ сæм фæдаргъ кодта йе ′ххуысы къух, уыдон æй не ′мбарынц, цас сын балæггад кодтой. Мæ программæйы ис фондз бинонтæ, се ′нтыстыты тыххæй æз цин кæнын, куыд мæхи æтныстытыл, афтæ", — загъта Джиоты Аэлита.

Уый радзырдта Плиты бинонты историйы тыххæй Хъорнисы хъæуы, цы ран фыд иунæгæй хъомыл кæны æхсæз сывæллоны.

Вячеславӕн дзырдтой, цӕмӕй сывӕллӕтты радта Интернатмӕ, фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, йӕхицӕй хуыздӕр сӕм кӕй ничи фӕкӕсдзӕн. Фыды уарзондзинад та сын ничи баивдзӕн. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕйрагдӕр – цӕмӕй бинонтӕ уой иумӕ

"Сывæллæттæ аззадысты æнæ мадæй, кæстæрыл нырма æртæ мæйы куы цыд, уæд æмæ, уымæ æнæкæсгæйæ, уыдон хъомыл кæнынц диссаджы хæларадон уавæрты. Хистæр лæппу фæхæст боксыл æмæ йæ фæнды суæвын зындгонд боксер. Легендарон тренер Сланты Виталий радта лæппуйæн профессионалон уынаффæтæ, боксæй бынæттон тренер Хаситы Владимир та йæ райста йæ дæлбар", — загъта уый.

Джиоты Аэлита ма банысан кодта, хистæрты кæй хъæуы бамбарын – сывæллæттæ сæхи барынц уыдонмæ.

"Хистæрты хæс у сывæллоны фарс балæууын цыфæнды уавæры дæр. Мах стæм сывæллæттæн фæзмыныны объект – уыдон кæсынц, мах куыд дарæм нæхи. Тынг мæ фæнды, сывæллæттæ куы æуунæдиккой хистæртыл афтæ æмæ цæттæ уой цъындцæстæй семæ кæдæмфæндыдæр цæуын æмæ сæ ма уа ахауыны тас", — балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0