Рæмонаты Сослан æрлæудзæн хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ Дунейы кубокы

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæРæмонаты Сослан
Рæмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы æмбырдгонд фæстаг хатт Дунейы кубок рамбылдта 2011 азы

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд Дунейы кубокы группæйон этапыл фембæлдзæн Куба, Казахстан æмæ Азербайджаны командæтимæ, дзырдæуы Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты федерацийы сайтыл.

Сослан Рамонов «Воины Мумбаи» - Гаджи Алиев «Султан Дели» - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан фæуæлахиз ис Индийы Лигайы

Уæрæсейаг командæты сконд фехъусын кæндзысты дыккаг сборы рæстæджы, кæцы ацæудзæн Адлеры февралы кæрон, фæлæ уал ныридæгæн бæрæг у, Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ кæй æрлæудзæн олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан. Уый тыххæй фехъусын кодта йæ сæрмагонд тренер Мæргъиты Анатолий.

Турнир ацæудзæн 7-8 апрелы Айова-Ситийы (АИШ), уым райсдзысты хайад Уæрæсе, АИШ, Гуырдзыстон, Иран, Япони, Куба, Казахстан æмæ Азербайджаны спортсментæ. Финалмæ рахиздзысты къордты уæлахиздзаутæ.

Фæстаг хатт Уæрæсейы æмбырдгонд рамбылдта Дунейы кубок 2011 азы, уæдæй фæстæмæ æнæаивгæ чемпион свæййы Иран.

Ног хабӕртты лентӕ
0