Парламенты президиум хорзыл банымадта РХИ Уæлдæр тæрхондоны фæдыл закон

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Закон регламент дæтдзæн Хуссар Ирыстоны уæлдæр тæрхондонон инстанцы куыстæн

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум банымадта хорзыл Уæлдæр тохондоны фæдыл конституцион законы проект.

Фарст президиумы уæнгты æркастмæ рахаста парламенты закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты сæрдар Тедеты Нонна.

"Закон регламент дæтты Уæлдæр тæрхондоны æххæстбартæ, бындурæвæрды уагæвæрд æмæ архайдæн", — банысан кодта Тедеты Нонна.

Парламенты спикер Гасситы Петр æрсидт коллегæтæм бæрнонæй бацæуын ацы фарстмæ, уымæн æмæ конституцион законы райст домы депутатты иумæйаг позици.

Парламентарийтæм ницы фарст сæвзæрд, законыпроектмæ æркст рахаст æрцыд сессийы радон рабадтмæ.

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты президиум хорзыл банымадта ног тæрхонгæнджыты кандидатурæты

Депутаттæ ма хорзыл банымадтой районон æмæ горæттаг тæрхондæтты тæрхонгæнджыты нымæц сфидар кæныны фæдыл законы проект, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны районтæй алкæцыйы дæр уыдзæн фæйнæ иу тæрхонгæнæджы, Цхинвайлаг горæттаг тæрхондоны тæрхонгæнджыты нымæц та æртæйы бæсты уыдзæн цыппар.

Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг Коцты Олесяйы ныхæстæм гæсгæ, хъæуы сисын, горæттаг тæрхондоныл цы стыр уаргъæвæрд ис, уый, уымæ гæсгæ хъæуы фæфылдæр кæнын тæрхонгæнджыты нымæц.

"Бюджетыл уæлæмхас уаргъæвæрд нæ уыдзæн, уымæн æмæ мах ракæндзыстæм горæттаг тæрхондонмæ Ленингойраг районон тæрхондоны дыууæ тæрхонгæнджытæй иуы", — загъта уый.

Депутаттæ ма сразы сты тæрхонондонон департаменты фæдыл законмæ барастгæнинæгтыл æмæ цалдæр æндæр нормативон акттыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0