Ӕртæ адæймаджы бахаудысты фæндагон фыдбылызы Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæДорожно-транспортное происшествие
Дорожно-транспортное происшествие - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуыри республикæйы фæндæгтыл регистрацигонд æрцыд 4 фæндагон-транспортон цауы

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Цхинвалы 18 февралы æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ) дыууæ рог машинæйы хайадистæй, хъусын кæнынц МХМ-ы пресс-службæйы.

Авари æрцыд Цхинвалы 20:45 сахатыл, ВАЗ-21099 маркæ машинæйы шофыр рахызт змæлды ныхмæдзог хахмæ æмæ сæмбæлд "Приора"-йыл.

"Аварийы фæстиуæгæн дыууæ шофыры æмæ пассажиры фæхæццæ кодтой республикон соматикон рынчындонмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ивгъуыд къуыри МХМ автоинспекцийы кусджытæ срегистраци кодтой фæндагон змæлды уагæвæрды 238 фехæлды, уыдонæй 6 — автотранспорт нозтджынæй скъæргæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0