ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Дзæуджыхъæуы эпидемилогон къæсæр у хызт 1,5%-æй, хъусын кæны ПТРК "Алани" республикæйы Роспотребнадзоры бæрæггæнæнтыл æнцойгæнгæйæ.
Рынчынтæн сæ фылдæр сты дыууæ азы кары онг сывæллæттæ, скъоладзаутæ æмæ скъолаагъоммæ сывæллæттæ рынчын кæнынц къаддæр.
"Скъоладзауты æмæ 3-6 азы кары сывæллæтты æхсæн рынчынты нымæц фæкъаддæр. Медицинон организацитæ ифтонг сты индивидуалон хъахъхъæды фæрæзтæй, вирусты ныхмæ хостæй, ДЭС-препараттæй. Ифтонг стæм, цы хъæуы, уымæй", — банысан кодта Цæгат Иры Роспотребнадзоры эпидемиологон хайады минæвар Басаты Зæлинæ.
Иумæйагæй, республикæйы эпидемиологон къæсæр у хызт 22%-æй. Цæмæй низ дарддæр ма апарахат уа, уымæ гæсгæ Роспотребнадзор дæтты рекомендаци адарддæр кæнын карантин.
Цæгат Ирыстоны скъолатæ æмæ сабидæттæ æхгæд сты карантиныл 22 февралы онг.