Андорра æмæ Каталонийы альпинисттæ басастой Хуссар Иры хæхтæ

© МИД РЮОФæсарæйнаг хъуыддæгты министр балæвар кодта Himalaiaski клубæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса
Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр балæвар кодта Himalaiaski клубæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр балæвар кодта Himalaiaski клубæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik. Альпинисттæ-къахдзоныгъджынты къорд Каталони æмæ Андоррайæ — Himalaiaski клубы минæвæрттæ — сарæзтой цалдæр уæлхох сцыды, хъусын кæны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.

МСНК тырыса Халацайыл:куыд цыдысты альпинисттæ хохмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
МСНК-йы тырыса Халацайыл: куыд цыдысты альпинисттæ хохмæ

Альпинисттимæ фембæлд Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий. Уый раарфæ кодта сцыдты хайадисджытæн сæ хъæппæрисы æнтыстджын реализацийы фæдыл æмæ сæ фæхуыдта, цæмæй сæрды æрцæуой Ирыстонмæ се ′мбæлттимæ. Медойты Дмитрий ма равдыста ныфс, Хуссар Ирыстонмæ цæуæг туристты нымæц кæй фылдæр кæндзæн.

"Уазджытæ дæр загътой бузныг Хуссар Ирыстоны адæмæн æмæ министрæн хъарм райсты тыххæй. Уыдон адих кодтой се ′нкъарæнтæ Хуссар Ирыстоны хæхтæ æмæ къуылдымтæй æмæ равдыстой ныфс, кæй фæфылдæр уыдзæн Хуссар Ирыстонмæ цæуæг туристты нымæц æрмæст Андоррæ æмæ Каталонийæ нæ, фæлæ æндæр европæйаг бæстæтæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Фембæлды кæрон министр балæвар кодта уазджытæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса.

Ног хабӕртты лентӕ
0