00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Утро на Спутнике
08:33
11 Мин
Утро на Спутнике
08:44
15 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
В центре событий
17:34
26 Мин
Утро на Спутнике
Политолог рассказал о возможных условиях перемирия на Украине
08:04
27 Мин
Утро на Спутнике
Доля России в мировой экономике по итогам 2024 года выросла до 3,54 процента
08:34
26 Мин
Утро на Спутнике
30 апреля 1945 года советские солдаты водрузили в Берлине над рейхстагом Знамя Победы
09:04
27 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Цхинвайлаг боксертæ Цæгат Кавказы ерыстæй æрхастой цыппар майданы

© Sputnik / Тренер Хаситы Владиславы архивæй къамТыбылты Тамерлан рамбылдта йæ фыццаг тох Уæрæсейы фыццагады
Тыбылты Тамерлан рамбылдта йæ фыццаг тох Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг боксертæ ерысты рамбылдтой дыууæ æвзист æмæ дыууæ бронзæйон майданы

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг боксертæ рамбылдтой цыппар призон бынаты Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацæмæз.

Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ уыдысты æвзарæн этап Уæрæсейы фыццагадмæ.

Гæджиты Гурам 25 хатты уæлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чысыл боксер: Гæджиты Гурамы 26 уæлахизы сусæг

"Мæ хъомылгæнинæгтæ дыууæйæ — Гæджиты Гурам æмæ Тыджыты Василий ссисты бронзæйон призертæ. Гурам кæд æрмæст æртыккаг бынатыл ацыд, уæддæр йæ тохтæ уыдысты ахадгæ æмæ йæ Цæгат Ирыстоны боксы федерацийы хистæр фæхуыдта сбортæм Анапамæ. Уым ын уыдзæн фадат Уæрæсейы фыццагадмæ балцæгыл стох кæнын", — загъта тренер.

Дзигойты Ацæмæз ма радзырдта, ерысты ма кæй расгуыхтысты æндæр цхинвайлаг тренерты хъомылгæнинæгтæ дæр.

"Цхинвайлæгты активы ма ис ноджы дыууæ æвзист майданы. Хорз тохтæ равдыста Джиоты Арсен — Кокойты Мурат æмæ Чехойты Аланы хъомылгæнинаг ссис дыккаг. Тренертæ Хаситы Владислав æмæ Гæбæраты Гамлеты хъомылгæнинаг Ӕлборты Сослан дæр рамбылдта æвзист майдан", — фехъусын кодта йæ коллегæты æнтыстытæ Ацæмæз.

Уæрæсейы фыццагад боксæй цæудзæн Анапайы уалдзæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0