ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Максим Сурайкин æруынаффæ кодта республикæйы райрæзты перспективæтыл. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости кандидаты пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.
Хуыцаубоны Сурайкин фæуазæг Цхинвалмæ, цы ран фембæлд цæрджытимæ æмæ радзырдта йе 'взæрстагъоммæ программæйы тыххæй.
"Мах æрцыдыстæм горæт Цхинвалмæ, фембæлдыстæм цæрджытимæ. Максим Александры фырт радзырдта йæ программæйы тыххæй, нысæнттæ æмæ нывæзтты тыххæй. Ӕмбæстæгты цымыдис кодтой ахæм фарстытæ, куыд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны баиу, афтæ ма ахæм фарст, ома Максим Александры фырт равзæрст куы æрцæуа президентæй, уæд уый куыд бандавдзæн Хуссар Ирыстоны размæцыдыл", — загъта агентады дзырдæмбал.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, президенттæм кандидат Максим Сурайкинæн ис иу нысан – ССРЦ-ы сконды цы республикæтæ уыд, уыцы æмцæдисон республикæты æрбаиу кæнын.
"Хуссар Ирыстон дæр нымад цæуы, куыд цæдисон республикæ, кæцы хъуамæ уа стыр Уæрæсейы сконды. Уый Цæгат Ирыстоны сконды бацæудзæн уыцы баиугондмæ æви нæ, уый уыдзæн цæрджыты фæндон, иу бæстæйы фæлгæтты – уый принципиалон нæу", — загъта агентады дзырдæмбал.
Уымæй дарддæр ма президенттæм кандидат бацыд 5-æм скъоламæ, цы ран сæвæрдта дидинтæ мемориалмæ.