Ирон спортсменкæ рамбылдта УФ фыццагады сыгъзæрин уæззау атлетикæйæ

Рафыссын
Сотиты Яна 18 азы кары онг чызджыты æхсæн æппæтуæрæсейаг ерысты фæуагъта фæстейæ йæ ныхмæлæуджыты

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Сотиты Яна схызт уæззау атлетикæйæ 18 азы онг чызджыты æхсæн Уæрæсейы фыццагады пьедесталы фыццаг къæмхæнмæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Яна уыд иууыл тыхджындæр 75 кг уæзы категорийы 197 кг фæстиуæгимæ (84+113). Уæззау атлетикæйæ спортсменкæйы тренертæ сты Дзгойты Олег æмæ Тасойты Ӕхсар.

Уымæй размæ ма фыццагады уæлахиздзаутæ ссисты Чилæхсаты Мæдинæ æмæ Гуссалты Зæринæ. Уæрæсейы фыццагад уæззау атлетикæйæ чызджытæ æмæ лæппуты æхсæн уагъд цыд Тулæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0