РХИ Хъахъхъæнынады министрад: хъæуы нæ нæхи национ гарзджын тыхтæ

© Sputnik / Ада БагианГассеты Ибрагим
Гассеты Ибрагим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гассеты Ибрагим радзырдта, куыд уыны хуссарирыстойнаг æфсады фидæны

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Нырыккон геополитикон уавæр Фæскавказы хæссы бæлвырд тас Хуссар Ирыстонæн, уымæ гæсгæ республикæйы хъæуы йæхи гарзджын тыхтæ, загъта йæ интервьюйы газет "Южная Осетия"-йæн хъаъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг æфсад хъуамæ адекватонæй æмæ тагъд дзуапп радта æддагон æртхъирæнтæн.

"Нырыккон геополитикон уавæр хынцгæйæ Фæскавказаг регионы, кæцы хæссы бæлвырд тасдзинад Хуссар Ирыстонæн, æргом у, нæ республикæйы кæй хъæуынц йæхи национ гарзджын тыхтæ. Чысылнымæц, фæлæ нырыккон хæстæрмæджытæ æмæ техникæйæ ифтонг, кæцы уа цæттæ æххæст кæнын цыфæнды вазыгджын хæслæвæрдтæ дæр, кæцы арвырттывдау тагъд æмæ адекватонæй дзуапп дæтдзæн цыфæнды æддагон æртхъирæнтæн дæр фидæны", — загъта Гассеты Ибрагим.

Уый банысан кодта, æфсæддон цæттæдзинады, тактикон æмæ тактико-сæрмагонд ахуыртæ, уый нымæцы 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæимæ иумæ цæуынц тынг бæрзонд æмвæзадыл.

Цхинвалы цыт кодтой Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады кусджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн цыт кӕны ӕппӕт республикӕ

"Ис зæгъæн, нæ Гарзджын тыхты хъомыс кæй ис бæрзонд æмвæзадыл. Не 'фсад у чысылнымæц, фæлæ йæ бон у æххæст кæнын цыфæнды вазыгджын хæслæвæрдтæ дæр", — банысан кодта министры х. æ.

Гуырдзыстоны æрдыгæй ног агрессийы фæдыл æмæ ма республикæйы арæнмæ æввахс рæстæгæй рæстæгмæ НАТО-йы æххуысæй масштабон ахуыртæ кæй цæуынц, уый хынцгæйæ, фарстæн дзуапп кæныны рæстæджы Гассеты Ибрагим зæрдыл æрлæууын кодта, 2008 азы августы цауты размæ дæр уагъд кæй цыдысты аналогон ахуыртæ.

"Уымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æрдыгæй æфсæддон тасдзинад у реалон. Мах цæттæ стæм уавæры цыфæнды райрæзтмæ дæр. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæ, Уæрæсейы ӔФС-йы Арæнгæрон управлени æмæ бæстæйы тыхон ведомствæтимæ иумæ мах цæттæ стæм дзуапп раттын Гуырдзыстоны цыфæнды агрессийæн дæр", — фидарæй загъта Хъахъхъæнынады министр.

Уый ма радзырдта, цал рауагъдоны æрвыст æрцыдысты фарон УФ-йы хъахъхъæнынады министрады уæлдæр ахуырадон уагдæттæм æмæ уыдон ахуыр каст фæуыны фæстæ куыд ифтонг цæуынц куыстæй. Гассеты Ибрагим банысан кодта, 2017 азы УФ-йы хъахъхъæнынады министрады уæлдæр ахуырадон уагдæттæм Хуссар Ирыстонæй æрвыст кæй æрцыдысты 75 адæймаджы.

Министры хæстæ æххæстгæнæг бафтыдта, ахуыр каст фæуыны фæстæ рауагъдонты иу хай кæй свæййынц РХИ хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ, аннæ хай та бацæуы уæрæсейаг æфсады æфсæддон службæмæ. Уымæй дарддæр ма дзы бирæтæ бацæуынц куыстмæ Хуссар Ирыстоны æндæр министрæдтæ æмæ ведомствæтæм къухдариуæггæнджыты куырдиатмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0