Цхинвалы цæрæг амардта нæлгоймаджы æмæ йын фæцæф кодта йæ фырты

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæПистолет Макарова
Пистолет Макарова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азымгонд у Къодоты Вадимы æфсымæр, кæцыйы амардтой январы

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты минæвæрттæ æрцахстой горæт Цхинвалы цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы Дзауы районы Мугуты хъæуы цæрæг Гаглойты Темурийы амарын æмæ йæ фырт Батрадзы хæцæнгарзæй фехсыны хъуыддагмæ, хъусын кæны МХМ-ы пресс-службæ.

Фыдгæнæг разынд, амæй размæ цы нæлгоймаджы амардтой – Къодоты Вадимы æфсымæр, кæцыйы амарыныл басаст Гаглойты Темурийы аннæ лæппу – Владислав. Республикæйы социалон хызæгты ацы трагикон цау схуыдтой æфсымæры тугист.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæдæвзард сбæлвырд кодта Хуссар Ирыстоны цæрæджы амарыны мотив

"Мугуты хъæуы æбæлвырд нæлгоймаг хæцæнгарзæй кæй фехста 59-аздзыд Гаглойты Темурийы æмæ йæ 28-аздзыд лæппу Батрадзы, уый тыххæй Дзауы районы Мидхъуыддæгты управленийы радгæсон хайадмæ хъусынгæнинаг бацыд хуыцаубоны 17:00 сахатмæ æввахс. Зианбаййафджыты фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ, цы ран райсгæ цæфтæй амард Гаглойты Темури", — фехъусын кодтой МХМ-ы.

МХМ-ы оперативон кусджытæ сбæлвырд кодтой, фыдгæнæг кæй бааууон кодта йæхи цауы бынатæй сау "Лада Гранта"-йыл. Цавæрдæр рæстæджы фæстæ машинæ ссардтой Кърозы хъæумæ æввахс.

"Агурæн мадзæлтты фæстиуæгæн, МСНК-ы кусджытæ æрцахстой 30-аздзыд цхинвайлаг Къодоты Эдуарды, кæцы басаст фыдракæнд саразыныл", — загътой уагдоны.

Дзауы районы прокуратурæ бакодта Къодоты Эдуарды ныхмæ æртæ уголовон хъуыддаджы – "фыдракæнд саразынмæ хи бацæттæ кæнын æмæ фыдракæнд саразыны бафæлвæрд", "лæгмард" æмæ "хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ æнæзакононæй химæ дарыны" статьятæм гæсгæ.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цæрæджы марæг ма басаст ноджы давдыл дæр

Барадхъахъхъæнæг органтæ уадзынц слестгæнæн мадзæлттæ фыдракæнд саразыны æууæлтæ сбæлвырд кæныны фæдыл.

33-аздзыд Къодоты Вадимы ссардтой мардæй йæ сæр хæцæнгарзæй æхстимæ Дзауы районы 28 январы. Уайтагъддæр ахст æрцыд Дзауы районы Мугуты хъæуы цæрæг Гаглойты Владислав Теймуры фырт, кæцы басаст лæгмардыл.

Фæстæдæр МХМ-ы фехъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ кæй сбæлвырд кодтой Къодоты Вадимы амарыны æфсон, фæлæ йæ фæдагуырды интересæн нæ раргом кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0