Шахматистты тохтæ: Федераци сиды тыхджындæртæм турнирмæ

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæШахматтæ
Шахматтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы тыхджындæр шахматистты номыл стох кæндзысты 16 хъазæджы

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацæудзæн дыккаг республикон турнир тагъд шахматтæй, фехъусын кодта Sputnik Шахматты федерацийы президент Саулохты Георгий.

Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Иры фидӕны чемпион

Мадзал ацæудзæн 3-4 марты республикон библиотекайы бæстыхайы, тыхджындæр шахматисты номыл стох кæндзысты 16 хъазæджы.

"Дыууæ боны ахæсдзысты ерыстæ. Сидæм бæрзонд классы хъазджытæм хистæр карæй, скъоладзаутæй сæм бамбал уыдзæн æрмæстдæр "Альбион"-ы ахуырдзау Валерий Халин, кæцы, йæ кармæ æнæкæсгæйæ, у фидар хъазæг", — загъта Саулохты Георгий.

Турнир уадзы Хуссар Иры Шахматты федераци компани "Мегафон Хуссар Ирыстоны" æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0