Ксерокопи паспорты бæсты: ПӔК фехъусын кодта ног уагæвæрдты тыххæй арæнгæрон зонæйы

© Sputnik / Руслан Вахаев /  Ахизын медиабанкмæАрæнхъахъхъæнæг
Арæнхъахъхъæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног ивындзинæдтæ хауынц æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны арæнгæрон зонæйы цæрджытæм

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны арæнгæрон зонæйы цæрджытæн сæ бон суыдзæн сæрибарæй рацу-бацу кæнын æрмæстдæр  паспорты ксерокопиимæ, фехъусын кодтой Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службæйы.

Арæнгæрон зонæйы фæхуымæтæгдæргонд уæвæртæ здæхт сты бынæттон цæрджыты цардуавæртæ фæрогдæр кæнынмæ.

"Арæнгæрон зонæтæй хъæууон администрациты территоритæм чи хауы, уым бынæттон цæрджытæн фадат уыдзæн сæрибарæй цæуын æрмæстдæр паспорты ксерокопитимæ", — загътой ПӔК-ы.

Уыимæ иумæ паспорты ксерокопи хъуамæ уа фидаргонд нотариусмæ.

Ленингорский район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры арæнгæрон службæ фæткхæлдты тыххæй: æнхъæл нæ уыдыстæм

Арæнгæрон зонæмæ цæуыны уагæвæрд, ацы зонæйы чи нæ цæры, уыдонæн нæ фæивта, уыдон хъæуы семæ хæссын паспорт, науæд та куысты бæлвырдгæнæн.

Арæнгæрон зонæмæ бацæуыны тыххæй фӕтк нӕ аивта ӕртыккаг бӕстӕты ӕмбӕстӕгтӕн дӕр — уыдон хъӕуы райсын пропуск ПӔК-ы Арæнгæрон службæйы.

Фарон январы Хуссар Ирыстоны хицæуттæ аивтой пропусктæ арæнгæрон зонæмæ республикæйы æмбæстæгтæн. Ног уагæвæрд бакæныны онг, арæнгæрон зонæмæ бацæуыны тыххæй республикæйы æмбæстæгты хъуыд райсын пропуск ПӔК-ы Арæнгæрон службæйы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0