Президент: Хуссар Иры Боллоты Таймуразы зонынц хæларзæрдæ адæймагæй

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæБоллоты Таймураз
Боллоты Таймураз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта уæрæсейаг холдинг "БТК-групп"-ы сæргълæууæг Боллоты Таймуразæн йæ райгуырæн боны цытæн

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг амалиуæггæнæг Боллоты Таймуразы зонынц ахæм адæймагæй, кæцы зын рæстæджы нæ баззад уазалзæрдæйæ йæ адæмы хъысмæтмæ æмæ бакодта егъау æххуыс республикæйæн, дзырдæуы президент Бибылты Анатолийы арфæйы телы холдинг "БТК-групп"-ы сæргълæууæджы адресыл, кæцы æртыццæджы нысан кæны йæ райгуырæн бон.

"Ды хауыс уыцы адæмы нымæцмæ, кæцытæ сты иузæрдион равзаргæ фæндагыл, кæцытæм ис принципиалондзинад, бæрзонд профессионалондзинад æмæ бæрндзинад", — дзырдæуы арфæйы телы.

Холдинг "БТК-групп" у егъаудæр инвестор Хуссар Ирыстоны экономикæмæ. Компанийы сæргълæууæг – Боллоты Таймуразы хъæппæрисæй 2013 азы Цхинвалы æрбайгом хуыйæн фабрикæ БТК-4, кæцы ифтонг кæны куысты бынæттæй республикæйы 500-йæ фылдæр цæрæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0