Туаг "Assa": национ продукт хизы базармæ

© Sputnik / Наталья АйриянТуаг
Туаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Assa"-йы аразæджы уырны, фидæны туаг дæр кӕй сфæлхатт кæндзæн уæлибыхты хъысмæт æмæ суыдзӕн ирон къæбицы ног бренд

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг амалиуæггæнæг Дзигойты Марина бавнæлдта ирон национ къæбицы сæйрагдæр элементтæй иу — туаджы сæудæджерадон рауагъдадмæ. Чысыл рæсугъд æвджытæ "Туаг "Assa" уæлфыстимæ нырма парахат цæуынц амалиуӕггæнæгæн йæ хæлæрттæ, хæстæджытæ æмæ фæсарæнтæй æрцæуæг уазджытыл, фæлæ, Маринайы фæндмæ гæсгæ, партийы сæйраг гуырахст хъуамæ афта Уæрæсейы базармæ.

Цалынмӕ уал сырх æмæ бур туаджы фыццаг парти æнхъæлмæ кæсы фæсарæйнаг базармæ йæ рахызтмæ, уӕдмӕ уал амалиуæггæнæг та архайы ног æмæ ног рецепттæй баххæст кæнын йæ продукци.

"Уый у нырма мæ фыццаг фæлварæн. Раттын дзы мæ хæлæрттæн, æввахс адæмæн æмæ афтæмæй бæлвырд кæнын, зæрдæ сæ тыхджындæр чи балхæндзæн, уыцы хуызтæ. Ныридæгæн мын дыууæ хуыз дӕр сты судзагтæ, фæстæдæр мæ фæнды чысыл рогдæр рецæпттæ дæр саразын", — дзуры Марина.

Туагаразæг архайы саразын йæхи сæрмагонд рецепттæ йæ фыдæлты арæхстдзинад æмæ цæттæкæныны сусæгдзинæдтыл æнцойгæнгæйæ. Туаг хæрзадӕй дарддӕр у æнæниздзинадæн пайдахæссæг дæр.

© Sputnik / Наталья АйриянТуаг
Туаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Туаг

"Цардыстæм Цхинвалы районы, Донбыны хъæуы. Куыд кæцыфæнды ирон хæдзары, афтæ нæ бинонтæ дæр арæзтой туаг, фæлæ уый уыд бæзджын æмæ–иу æм нурыйæ æркастысты дзæвгар. Ӕз æй аразын чысыл рогдæрæй æмæ ма йæм æфтауын алыгъуызон пайдахæссæг кæрдæджытæ", — дзуры уый.

Фæндзæм æрсидты депутат æмæ Амалиуæггæнджыты цæдисы сӕрдар Дзигойты Марина йæ чысл бизнес бакæны рæстæджы бирæ цæлхдуртыл фембæлд. Цхинвайлаг туаг рацыд æппæт ариртӕстытӕ дӕр фæсарæйнаг лабораториты, равдыста хорз гъæд æмæ æууæлтæ. Фæлæ ныридæгæн сæйраг хъуыддаг у туагӕн бакæнын фæндаг Уæрæсейы базармæ.

"Афтæ мæм каст, æнцондæртæй бакæнæн ис бизнес, фæлæ, куыд рабæрæг ис, афтæмæй Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгад сӕндидзынæн ис мæгуырау уавæртæ. Ныридæгæн цæттæ кæнæм гæххæттытæ, цæмæй нӕ продукци æнæ цæлхдуртæй ласт цæуа фæсарæнтæм", — загъта тауагуадзæг.

Сылгоймаг катай кæны, нырма йын куыд бирæ ис аразинæгтæ, уыдæттыл, фӕлӕ ныфс ӕвӕры туаджы фыццаг партийы æнтыстыл.

"Фыццаг партийæ мын исты æфтиаг куы фæзына, уæд домæнтæн дзуапдæттæг цехæн балхæнин ифтонгад, мæ къæбиц рацаразин туагуадзӕн къуыммӕ æмæ рауæрæх кæнин мæ рауагъдад", — бӕллы Марина.

© Sputnik / Наталья АйриянТуаг
Туаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Туаг

Уый ӕнӕдызӕрдыг у, фидæны туаг дæр кӕй сфæлхатт кæндзæн уæлибыхты хъысмæт æмæ суыдзӕн дунейы зындгонд ирон къæбицы ног бренд.

"Уæлибых йæ диссаджы æууæлты фæрцы бацыд дунейы иууыл нымаддæр хæринӕгты нымæцмæ. Ӕз афтæ хъуыды кæнын, æмæ туаг дæр дзæбæх куы апарахат кæнæм, уæд уый дæр сфæлхатт кæндзæн йæ хъысмæт – фæзындзæн ирон къæбицы ног бренд — туаг", — уырны Маринайы.

Уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ Ирыстоны иу фынг дæр нæ ацæуы æнæ ацы элементтæй, туаджы æрæвдулынц фыдызгъæл, картофы сурвых, æфтауынц ӕй салаттæм. Ирыстоны алкæцы æфсины ныккæнды дæр, уæлдайдæр та хъæуты, ӕвӕрд вӕййы зымæгмæ иууыл къаддӕрӕй 10 литры бæрц туаг. Фӕлӕ уӕддӕр, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, Маринайы продуктӕн ныридӕгӕн дӕр ис бирӕ табугӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0