Бибылты Анатолий: 2017 азы инвестпрограммæ æххæст æрцыд 90 проценты бæрц

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады раз лæууы бирæ хæслæвæрдтæ, кæцытæ сты здæхт республикæйы райрæзтмæ

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æруынаффæ кодта 2018-2019 азтæн Инвестицион программæйы реализацийы фарстытыл Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы министры хæдивæг Игорь Кошинимæ.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы министры хæдивæджы комкоммæ хайадист инвестпрограммæйы реализацийы кæй дæтты ныфс æмæ проекттæ иууылдæр арæзт кæй æрцæудзысты гъæдджынæй.

"Нæ разы лæууы бирæ амбициозон программæтæ, кæцытæ здæхт сты республикæйы инфраструктурæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырады райрæзтмæ, афтæ ма цæрджыты цардархайд фæхуыздæр кæнынмæ", — загъта уый.

Йæхирдыгæй, Игорь Кошин банысан кодта, Хуссар Ирыстоны инфраструктурæйы райрæзты фарст кæй домы комплексон æмæ бæрнджын ахаст æмæ равдыста ныфс, иумæйаг тыхтæй проекттæ иууылдæр кæй æрцæудзысты реализацигонд.

"Абон мах федтам объекттыл бæлвырд динамикæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый у Дæ сгуыхтдзинад, Хуссар Ирыстоны хицауады сгуыхтдзинад", — загъта уый.

Фæндæгты арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног Инвестпрограммæ: цы сараздзысты Хуссар Ирыстоны 2018-2019 æзты

Фембæлд адарддæр ис рауæрæхдæргонд сконды, цы ран райстой хайад хицауады сæрдар Пухаты Эрик, республикæйы министрæдтæ æмæ ведомствæты сæргълæуджытæ, афтæ ма Уæрæсейы делегацийы минæвæрттæ.

Фембæлды раныхас кодта арæзтады министр Зæгъойты Эдуард. Уый радзырдта, цал мадзалы хъуамæ æрцæуа арæзт Инвестпрограммæйы фæлгæтты, æмæ дзы фаронæй ацы азмæ цал "рахызт".

"Ацы азмæ рахизгæ объекттæм ахæссæн ис Ленингоры районы доныхæтæлтæ æмæ канализаци, республикон гуырæн хæдзар гинекологон хайадимæ, Ленингоры уырыссаг скъола, Цхинвалы Хъайтарты уынгыл цæрæн хæдзæртты арæзтад, медико-социалон центр, афтæ ма Паддзахадон драмон театр", — загъта уый.

Хъайтарты уынгыл цæрæн хæдзæртты арæзтады тыххæй дзургæйæ, министр бахахх кодта, куыстытæ кæй цæуынц графикмæ гæсгæ, объект йæхæдæг та эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы аз августы.

Бибылты Анатолий банысан кодта, 2015-2017 азтæн инвестпрограммæйы реализаци кæй фæхæццæ кæны кæронмæ.

"2015-2017 азты Инвестпрограммæйы мадзæлттæ фæхæццæ кæнынц сæ кæронмæ. Хъæуы ма æнæмæнгæй банысан кæнын, 2017 азы инвестпрограммæ æххæст кæй æрцыд 90 проценты бæрц. Мæ нымадмæ гæсгæ, уый у æвæрццаг хабар", — загъта уый.

Президент ма банысан кодта, "Ӕхсæнхицауадон къамисы рæстæджы цы рахизгæ объекттæ æрцыдысты нысангонд, уыдон хъуамæ балхынцъ уой 2018 азы фыццаг æмбисы. Дыккаг æмбисмæ иу объект дæр ма хъуамæ ахиза".

Ног хабӕртты лентӕ
0