Гасситы Мурæт загъта йæ прогноз Усикимæ тохы фæдыл

Рафыссын
Гасситы Мурæт 5 марты атæхдзæн Америкæйы иугонд штаттæм, цы ран райдайдзæн йæхи цæттæ кæнын Александр Усикимæ тохмæ

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы финалы (WBSS) æмгъуыдæй раздæр гæнæн ис æмæ фæуæлахиз уа ныхмæлæуды хайадисджытæй кæцыфæнды дæр, загъта IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ дунейы чемпион боксæй Гасситы Мурæт.

Боксер-профессионал Ирыстонæй фембæлдзæн WBSS финалы WBC æмæ WBO титулты хицау Александр Усикимæ 11 майы Саудовская Аравияйы.

"Нæ уæзы, æмгъуыдæй раздæр ис гæнæн æмæ фæуæлахиз уа алы боксер дæр. Усикы тактикон хицæндзинæдты тыххæй та мæ бон зæгъын у, æмæ мæ хæслæвæрд кæй у – мæ тренермæ хъусын, комбинацитæ æххæст кæнын, цы мын дзуры, уый аразын. Тохмæ цæттæйæ бацæуын, иууыл сæйраджыдæр моралон æмæ физикон æгъдауæй", — хъусын кæны РИА Новости Гасситы Мурæты ныхæстæ.

Чемпион бафтыдта, ныхмæлæуды райдианы фæстæ, тох кæнын кæй райдайдзæн уавæртæм гæсгæ.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Руслан æмæ Гасситы Мурæт æмбулынц "Иры афæдзы адæймаджы" номыл хъæлæскæнынад

"Ӕз алцæмæдæр цæттæ уыдзæн", — загъта уый.

Суперсерийы финалмæ фæндагыл Гасситы Мурæт 12-æм раунды арвыста нокауты WBA версимæ гæсгæ дунейы чемпион, кубæйаг Юниер Дортикосы.

Боксæй æппæтдунейон суперсерийы турнир райдыдта фарон сентябры æмæ балхынцъ уыдзæн 2018 азы майы. Йæ призон фонд у 50 милуан доллары бæрц. Уымæй дарддæр ма, турниры уæлахиздау райсдзæн Мухаммед Алийы номыл трофей.

Ног хабӕртты лентӕ
0