Генпрокуратурæ сгары Цхинвалы цæрæджы фæнæмыны цау

© instagram/syrdon.infoГенпрокуратурæ сгары Цхинвалы цæрæджы фæнæмыны цау
Генпрокуратурæ сгары Цхинвалы цæрæджы фæнæмыны цау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æртыццæджы ТАСКы кусджытæ æртæйæ фæнадтой Цхинвалы цæрæг Дзабиты Иналы, цауы видео апарахат социалон хызæгты

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ сгары Цхинвалы цæрæг Дзабиты Иналы фæнæмыны цау. Уголовон хъуыддаг конд æрцыд Мидхъуыддæгты министрады Тагъд архайды сæрмагонд къорды (ТАСК) æртæ кусæджы ныхмæ æнæниздзинадæн зиан æрхæссыны миниуджытæм гæсгæ, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службæйы.

Цхинвалы æрсиддонтæ фæнадтой сæ æмслужбæгæнæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы æрсиддонтæ фæнадтой сæ æмслужбæгæнæджы

Ацы бонты социалон хызæгты апарахат сты видеокадртæ, кæцытæй бæрæг у, микрорайон БАМ-ы Плиты Ароны уынгыл сæрмагонд формæйы лæппутæ цалдæрæй нæмынц æндæр лæппуйы, сылгоймаг æмæ нæлгоймаг архайынц сæ баиргъæвыныл.

Фæстæдæр рабæрæг, барадхъахъхъæнæг кусджытæ кæй хъавыдысты лæппуйæн йæ фаззон æфсымæрмæ, фæлæ хæццæйæ фæнадтой бынтон æнæазым адæймаджы.

"Генералон прокуратурæ 1 марты æрбакодта уголовон хъуыддаг ТАСК кусджытæ Бестауты Альберт, Гобозты Ӕхсарбег æмæ Сагкаты Вадимы ныхмæ адæймаджы æнæниздзинадæн зиан æрхæссыны миниуджытæм гæсгæ (УФ УК 112 статьяйы дыккаг хайы п. "г"). Уыдон азым цæуынц, куыстæй сæрибар рæстæджы, развæлгъау бадзургæйæ, 1990 азы гуырд Цхинвалы цæрæг Дзабиты Иналæн кæй æрхастой буары цæфтæ æмæ уый фæстæ ацыдысты цауы бынатæй", — загътой прокуратурæйы.

Уагдоны ма банысан кодтой, ныридæгæн цауы фæдыл кæй цæуынц сгарæн куыстытæ.

Республикон рынчындоны Sputnik загътой, лæппу æртыццæджы кæй æрбацыд дохтыртæм сæры цæфтæ æмæ саст æфсæримæ.

"Лæппу йæхæдæг ʻрбацыд рынчындонмæ 28 февралы 16:30 сахатыл. Йæ ныхыл æмæ галиу къæмисæны уыд гематомæтæ, йæ быннаг æфсæр уыд рæсыд æмæ рæстмæ дзурын нæ уыд йæ бон, цалдæр дæндагæй фæцух. Рентен равдыста, йе 'фсæр у саст æмæ фезмæлыд йæ бынатæй. Рынчындоны райста амбулаторон æххуыс æмæ йæ арвыстам стоматологмæ консультацимæ", — загъта дохтыр-травматолог Козаты Дмитрий.

Уый ма банысан кодта, лæппу йæ хоскæнын кæй адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны республикон рынчындоны æфсæр æмæ цæсгомы хирургийы хайады.

Ног хабӕртты лентӕ
0