Университет хизы йæ ног бæстыхаймæ

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры сæйраг уæлдæр ахуыргæнæндон 12 мартæй райдайдзæн ахуыры процесс ногарæзт бæстыхайы Мæскуыйы уынгыл

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ног бæстыхайы 12 марты райдайдзæн ахуыры процесс, фехъусын кодта Sputnik ахуырадон уагдоны ректор Тедеты Вадим.

ХИПУ юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
ХИПУ-йы ног бæстыхайы раз сæвæрдзысты Тыбылты Алыксандры цырт

Хуссар Ирыстоны университеты æрбакæныны бон нысан уыд 2017 азы октябрьмæ. Уæд фæнд кодтой ног бæстыхайы æрбаконд æмæ ахуырдон уагдоны бындурæвæрды 85-азы юбилей иумæ банысан кæнын, фæлæ арæзтадон куыстытæ фæфæстиат сты.

"Ныридæгæн кусæм бæстыхаймæ ифтонгад бахæссыныл. Паддзахадон университеты ног агъуысты  ахуыры процесс райдайдзæн 12 марты. Фæстæдæрмæ снысан кæндзыстæм цытджын æрбаконд", — загъгъта ректор Тедеты Вадим.

ХИПУ-ы сæйраг бæстыхай басыгъд 2008 азы августы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы. Университеты ног корпусы арæзтад хаст æрцыд 2015-2017 æзты Инвестицион программæмæ. Арæзтадон куыстытæм бавнæлдтой 2016 азы майы, бæстыхай амад æрцыд йæ раздæры бынаты Мæскуыйаг уынгыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0