ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Карантин Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты адарддæр кодтой æбæлвырд рæстæгмæ, Роспотребнадзор æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрмагонд бардзырды онг.
Февралы кæрон карантин Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты адарддæр кодтой 5 марты онг.
Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады информацимæ гæсгæ, грипп æмæ карз респираторон вирусон низты эпидемкъæсæр республикæйы у хызт 22 проценты бæрц, уыимæ иумæ рынчынты фылдæр хай сты сывæллæттæ.