Къоста Болгарийы: ирон поэтæн бакодтой цырт фæсарæнты

© газета "Слово"Бюст Коста Хетагурова установят на Аллее писателей в Болгарии
Бюст Коста Хетагурова установят на Аллее писателей в Болгарии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уникалон культурон-историон комплексы ирон поэтæй дарддæр сæнусон кæндзысты культурæйы 80 архайæджы нæмттæ, кæцытæ фыстой кириллицæйыл

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Болгарийы фысджыты Намысы аллеяйы æвæрд æрцыд ирон номдзыд фыссæг, поэт, нывгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы бюст, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Литературон видеоконкурс Нæхи Къоста-йы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нæхи Къоста: соцхызæгтæ рабæрæг кодтой хуыздæр кæсджыты

Нæ номдзыд æмзæххоны цыртдзæвæны автор у скульптор Хайты Ибрагим.

"Кириллицæйы кæрт" æппæт дунейы у иунæг ахæм культурон-историон комплекс, Кирилл æмæ Мефодийæ уæлдай дзы сæнусон кæндзысты культурæйы 80 архайæджы номы. Сты алы адæмы хæттыты, бæстæты æмæ дины минæвæрттæ. Сæйрагдæр домæн у, цæмæй сæ уацмыстæ фыст уой кириллицæйыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

Алы бюсты бын дæр ныккалдзысты фыссæджы фыдыбæстæйæ ласт зæхх.

Ног хабӕртты лентӕ
0