ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон у цæттæ дарддæры æнтыстджын куыстмæ Инциденттæ ма руадзыны æмæ сæ аиуварс кæныны механизмты форматы,арæныл фæстаг фембæлды къуыхцымæ æнæкæсгæйæ, загъта фæсконфликтон æрнывыл кæныны фарстыты фæдыл РХИ-ы президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.
Цхинвалмæ æртыццæджы æрцыдысты Женеваг дискусситы æмсæрдæрттæ ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисæй. Бадзырдон процессы хуссарирыстойнаг хайадисджытимæ фембæлдæй дарддæр, æмсæрдæртты йæхимæ райсдзæн президент Бибылты Анатолий. Уыдон ма фембæлдзысты Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты цхинвайлаг офисы сæргълæууæгимæ æмæ фæуазæг уыдзысты университеты ног бæстыхаймæ.
1 марты ИӔАМ-ы фæлгæтты фембæлд фæсыкк гуырдзиаг делегацийы аххосæй, зæрдыл æрлæууын кодта æххæстбарджын минæвар.
"Хуссар Ирыстон бæрзонд аргъ кæны женеваг дискусситы нысаниуæгæн æмæ нымайы, ацы фæзуаты фæлгæтты куыст фадат кæй ратдзæн регионы æдасдзинад сифтонг кæнын æмæ ма фарсыты æрдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон документ бафыссын", — загъта Джиоты Мурæт.
Уый равдыста катай, ИӔАМ-ы форматы хайадисджыты фæстаг фембæлдыл фарсытæн нæ бантыст конструктивон диалог саразын æмæ фембæлд фæкъуыхцы. Уымæ æнæкæсгæйæ, æххæстбарджын минæвар фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон цæттæ кæй у æнтыстджын куыстмæ.
"Ныфс мæ ис, абон мах кæй æруынаффæ кæндзыстæм фарстытыл, кæцытæ сты Женеваг дискусситы боны фæткы сконды", — бафтыдта уый.
Джиоты Мурæт ма базонгæ кодта æмсæрдæрттæн ИӔАМ-ы хуссарирыстойнаг делегацийы ног къухдариуæггæнæг Коцты Егоры, æмæ банысан кодта, йæ хайадист кæй уыдзæн пайдаджын иумæйаг куыстæн.
Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар дæр бахахх кодта, регионы æдасдзинады фарстытыл уынаффæты фадаты ахсджиагдзинад æмæ банысан кодта, Женеваг дискусситæ кæй сты сæ куысты æнæфескъуыйгæ æмæ ахсджиаг хай.
Ӕмрæстæджы Клаар банысан кодта, æмсæрдæрттæй кæй сты зонгæ инцидентимæ, "кæцы ныридæгæн бандæвта ИӔАМ-ыл æмæ кæцыйæн, æвæццæгæн, уыдзæн фæстиуджытæ Женеваг дискусситыл"(февралы кæрон республикон рынчындоны Цхинвалы амард Гуырдзыстоны æмбæстаг Арчил Татунашвили, кæцыйы Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ æрцахстой диверсон-террористон архайдмæ йæм зæрдæ кæй æхсайдта, уый фæдыл).
"Мах æнхъæлмæ кæсæм конструктивон æмæ æргом диалогмæ. Ныфс мæ ис, ацы фарсты нын кæй бантысдзæн размæ акъахдзæф кæнын", — бафтыдта Клаар.