ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн радта паддзахадон хорзæхтæ республикæйы цæрæг сылгоймæгтæн.
Церемонийы рæстæджы паддзахады сæргълæууæджы цæст сылгоймæгтæн бауарзта амонд, рæсугъддзинад, хæдзары фарн æмæ сæ бæллицты сæххæст.
Хуссар Ирыстоны закондзинад æмæ барад сифтонг кæнынмæ стыр хайбавæрд бахæссыны тыххæй "РХИ барадхъахъхъæнæг органты сгуыхт кусæджы" кадджын ном лæвæрд æрцыд Кобылты Лондайæн.
Президент банысан кодта, Лонда дæргъвæтин æзты дæргъы намысджынæй кæй æххæст кæны йæ æмбæстагон хæс Фыдыбæстæйы раз.
"Йæ фыд дæр намысджынæй службæ кодта мидхъуыддæгты министрады, йæ дада – Кобылты Сергей та у Советон Цæдисы хъайтар", — загъта уый.
Афтæ ма майдантæ æмæ кады грамотæтæ паддзахады сæргълæууæджы къухтæй райстой алыгъуызон паддзахадон структурæты сгуыхт кусджытæ- сылгоймæгтæ.