Мæскуыйы байгом ирон нывгæнæг Гогаты Мараты равдыст

© Московская осетинская общинаМæскуыйы байгом ирон нывгæнæг Гогаты Мараты равдыст
Мæскуыйы байгом ирон нывгæнæг Гогаты Мараты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экспозицимæ бацыдысты æрыгон нывгæнæджы куыстытæ нывкæнынады техникæйы (портрет, пейзаж, натюрморт, жанрон куыстытæ) æмæ графикæйы, афтæ ма хъæдæрмæгыл нывæфтыд куыстытæ

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik. Мæскуыйы, Есенины номыл музейы æрбайгом ирон нывгæнæг, Уæрæсейы паддзахадон Аивæдты академийы рауагъдон Гогаты Мараты персоналон равдыст "Райдиан", хъусын кæны музейы пресс-службæ. Ирон нывгæнæджы куыстыты экспозици адарддæр уыдзæн марты кæрæттæм.

Экспозицийы æвдыст сты натюрморттæ, пейзажтæ æмæ портреттæ, кæцыты æхсæн ис дирижер Дудараты Вероникайы портрет дæр, афтæ ма Дæргъæвсы мæрдты горæты пейзаж дæр.

Равдыст art'ALAN - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турчы байгом хуссарирыстойнаг нывгæнджыты равдыст art'ALAN

"Райстон дизайнеры ахуырад, фæлæ мæ нывкæнынад афтæ балвæста йæхимæ æмæ райдыдтон ныв кæнын. Хайад истон иумæйаг равдыстты, фарон мæ айстой Нывгæнджыты цæдисмæ æмæ аскъуыддзаг кодтон, кæй æрлæууыд мæ сæрмагонд равдысты афон. Ам ис фенæн мæ куыстытæ — фæстаг авд азы ретроспективæ. Уый у ома хыгъд: мæнæ, цы арæзтон. Нæй мын бæлвырд темæ. Мæ куыстытæ мын сты куыд мæ сывæллæттæ — иууылдæр уарзон", — загъта Гогаты Марат.

Равдыстмæ æрбацæуджытæ, уыдон нымæцы нывгæнæджы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, бæрзонд аргъ скодтой Мараты дæсныйадæн, афтæ ма банысан кодтой йæ куыстуарзондзинад æмæ хъæддыхдзинад.

Гогаты Марат у Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг æмæ аивадон равдыстты хайадисæг, хорзæхджын у Аивæдты уæрæсейаг академийы дипломæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0