Хуссар Иры бакодтой тобæ фæлтæхæг мæргъты цæгъдыныл

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæОсень в Сибири
Осень в Сибири - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстны ныридæгæн цæгъдыны бар ис æрмæстдæр тугдзых сырдтæн – бирæгътæ, хъæддаг куыйтæ, æмæ сæ æндæр хуызтæн

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны бакодтой тобæ фæлтæхæг мæргъты цæгъдыныл, фехъусын кодтой Sputnik Экологи æмæ геологийы комитеты.

Хуссар Ирыстоны ныридæгæн цæгъдыны бар ис æрмæстдæр тугдзых сырдтæн – бирæгътæ, хъæддаг куыйтæ æмæ æндæр хуызтæн.

Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕрмагонд программӕйы фӕлгӕтты скуынӕг кодтой 200 тӕссаг сырдæй фылдæр

"Уалдзæджы фæлтæхæг цъиутæ дыууæ къуырийы бæрц æрбынат кæнынц Хуссар Иры территорийы дæлвæз бынæтты. Ацы рæстæг æппæт Уæрæсейы уыдоныл вæййы цуан, фæлæ ацы аз мах сæвæрдтам тобæ ацы цуаныл. Уымæй мах бахиздзыстæм Хуссар Ирыстон тæссаг низтæй æмæ джыбытæй, кæцыты хæссынц циутæ", — банысан кодта комитеты минæвар Гæззаты Юрий.

Уый ма радзырдта, февралæй фæстæмæ республикæйы æхгæд кæй æрцыд цуан кæныны сезон.

"Туыгдзых сырдтæй дарддæр аннæтыл цуан у тобæгонд. Ныридæгæн у цот уадзыны сезон æмæ сæ марыны бар нæй. Алы сырдæн дæр ис йæхи ивары бæрц, иууыл стырдæр хизы 40 мин сомы онг", — бафтыдта комитеты минæвар.

Хуссар Ирыстоны цалдæр азы дæргъы куыста комплексон нывæзт æррайы низы ныхмæ, уый фæлгæттты тугдзых сырд амарæгæн лæвæрд цыд компенсаци. Фæстаг æртæ азы ныццагътой 300 туыгдзых сырды бæрц, сæ ʻхсæн – бирæгътæ, хъæддаг куыйтæ, æмæ сæ аннæ хуызтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0