Торезы майдан: Хуссар Иры фыццаг къухдариуæггæнæджы номыл кæнынц хорзæх

© Sputnik / Наталья АйриянГраффити
Граффити - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъуылымбегты Торезы номыл майдан бакæныны фарст уынаффæмæ рахаста парламенты спикер Гасситы Петр

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум æркаст республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы номыл майдан бакæныны фарстмæ, хъусын кæны закондæттæг органы сайт.

Фарст уынаффæмæ рахаста парламенты спикер Гасситы Петр.

"Майдан уыдзæн ведомствæйон хорзæх. Лæвæрд цæудзæн Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн бæстæйы фидар кæнын, парламентаризмы райрæзт æмæ демократи сфидар кæнынмæ сæ хайбавæрды тыххæй. Хорзæхкæнынмæ раразмæ кæныны бар лæвæрд цæуы парламенты сæрдар, комитет, фракци æмæ депутатты къордæн", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уынаффæты фæстæ фарст ахастой парламенты радон сессимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0