Законыл æмæ демократонæй: цæстдарджытæ Хуссар Ирæй Уæрæсейы æвзæрстыты тыххæй

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны Парламенты æмæ ЦӔК-ы минæвæрттæ сарæзтой комментарий Уæрæсейы президенты æвзæрстыты цыды фæдыл
Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ ЦӔК-ы минæвæрттæ сарæзтой комментарий Уæрæсейы президенты æвзæрстыты цыды фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ ЦӔК-ы минæвæрттæ сарæзтой комментарий Уæрæсейы президенты æвзæрстыты цыды фæдыл

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг цæстдарджытæ бæрзонд аргъ скодтой Уæрæсейы президенты æвзæрстыты хъæлæскæнынады процесс æмæ организацион æмвæзадæн, хъусын кæны РХИ парламенты пресс-службæ.

Бибылты Анатолий æмæ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий раарфæ кодта Путинæн æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл

Уæрæсейы президенты æвзæрстыты Хуссар Ирыстонæй цæстдарджыты хуызы уыдысты РХИ-ы ЦӔК æмæ парламенты минæвæрттæ.

"Боны мидæг мах бацыдыстæм æхсæз æвзарæн фадыгмæ æмæ æнæдызæрдыг дæн, æвзæрстытæ кæй ацыдысты законыл æмæ демократон принциптæм гæсгæ. Æмбæстæгтæ-иу нырма рацыдысты регистраци æмæ райстой бюллетень, уый фæстæ та хъæлæс кодтой сæ кандидатæн", — загъта парламенты спикеры æххуысгæнæг Уалыты Сергей.

Ӕвзæрстыты æмвæзадæн бæрзонд аргъ скодта Хуссар Ирыстоны Центрæвзæрсткъамы сæргълæууæг Плиты Белла дæр.

Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ ацыдысты 18 марты. Архайгæ президент Владимир Путин райста хъæлæсты 76%-æй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0