Бибылты Анатолий Путины фæуæлахизы фæдыл: уый у сомбоны ныфс

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры президент банысан кодта, Путины уæлахиз кæй ратдзæн Хуссар Ирыстонæн размæцыды фадат, æддагон æртхъирæнтæм æнæкæсгæйæ

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Козаты Диана. Владимир Путины уæлахиз Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæрстыты – у сомбоны ныфс æрмæст Уæрæсейы цæрджытæн нæ, фæлæ ма уый нымæцы Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдонæн дæр, загъта Sputnik президент Бибылты Анатолий.

Бибылты Анатолий æмæ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий раарфæ кодта Путинæн æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл

Уæрæсейаг Центрæвзæрсткъамы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бюллетенты 100%-ы бæрц банымады фæстæ, Путинæн схъæлæс кодтой æвзарджыты 76%.

"Хуссар Ирыстоны рдæм Владимир Владимиры фырты фидар позици, республикæйы проблемæтæм хъусдард æмæ уыдон скъуыддзаг кæныны фадæтты агуырд хынцгæйæ, Хуссар Ирыстонæн Путины уæлахиз у Хуссар Ирыстонæн размæцыды дарддæры фадат, æддагон æртхъирæнтæм æнæкæсгæйæ", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Уый банысан кодта, республикæйы кæй нæ дызæрдыг кæнынц, Уæрæсе алыварсонæй кæй æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны адæмæн.

Хуссар Иры президенты ныхæстæм гæсгæ, Путины уæлахиз æвзæрстыты у республикæйы социалон æмæ экономикон проектты реализацийы гаранти, "кæцытæн бындурæвæрд æрцыд Владимир Владимиры фырты комкоммæ хайадистæй".

Ног хабӕртты лентӕ
0