Дон, газ æмæ аварион цæрæнуат: Тъбеты хъæуы цæрджыты проблемæтæ

© Sputnik / Наталья АйриянТбет
Тбет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тъбеты хъæуы аварион хæдзæрттæ хæссынц тас цæрджытæн, фæлæ проблемæ хицауад нæ уыны

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik, Гæбæраты Ян. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы официалон статистикæмæ гæсгæ цæры 1092 æмбæстаджы. Фæлæ дзы фактон æгъдауæй цæры къаддæр: цæрджыты фылдæр хай ацыдысты горæтмæ, хъæумæ та æрцæуынц улæфт бонты – фæллад суадзын æмæ хæдзарадмæ базилынмæ. Тъбет у æвæрд Цхинвалæй дыууæ километры дæрддзæф, уымæ гæсгæ дзы ис хуымæтæг инфраструктурæ – ам ис хъæууон администраци, клуб, æнæххæст астæуккаг скъола æмæ медицинон пункт.

Хъæууон администрацийы сæргълæууæг Кокойты Илья радзырдта, цæмæй цæры хъæу æмæ цы проблемæтæ æвзарынц цæрджытæ.

"Рæстæгæй рæстæгмæ сæвзæрынц проблемæтæ донимæ – фарон нæм бынтондæр нæ уыд, æрбаласта иу нын æй УУМ. Газ дæр нæм нæй, уымæ гæсгæ цæрджытæ цагътой хъæд сугтæн. Кæд уый раст нæу, уæддæр сын æндæр гæнæн нæ уыд", — дзуры уый.

© Sputnik / Наталья АйриянХъæууон администрацийы сæргълæууæг Кокойты Илья
Глава администрации села Тбет Илья Кокоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъæууон администрацийы сæргълæууæг Кокойты Илья

Ам бирæ хæдзæрттæ ныппырх сты 2008 азы хæсты рæстæджы æмæ абон сты аварион уавæры. Сæ цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ хæдзæрттæ саразыны тыххæй бирæнымæц зæрдæвæрдтæ æппындæр кæй ницæмæ æркодтой, уыдон та цæрынц æнæбыхсгæ уавæрты.

Зæгъæм, хъæууон администрацийы фарсмæ ис дыууæуæладзыгон хæдзар, кæцыйыл æфсæддон архæйдтыты рæстæджы сæмбæлдысты минæхсæджы нæмгуытæ. Быннаг уæладзыг бынтондæр нæ бæззы цæрынæн – минæтæй дарддæр ма йæ бахъыгдардтой танктæ дæр. Ахæм экстремалон уавæрты цæрынц бинонтæ фондз адæймагæй.

"Мæнæн ис æртæ чысыл сывæллоны – æмæ цæрæм ахæм уавæрты. Хицауад ивд цæуы, зныфсытæ лæвæрд цæуынц, фæлæ æппындæр ницы фæстиуæг уынæм", — загъта хæдзары хицау.

© Sputnik / Наталья АйриянКæлæддзаг хæдзар Тъбеты
Аварийный дом в селе Тбет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кæлæддзаг хæдзар Тъбеты

Тъбеттаг администрацийы сæргълæууæг радзырдта, ахæм проблемæтæ хъæуы бирæ кæй ис, адæмæн сæ ныфс асæтты æмæ сæ нал уырны, исты æххуыс ма сын бакæндзысты, уый.

"Ам ис бинонтæ, кæцытæ цæрынц зæронд хъæдын хæдзары. Карз æй нæ кæнын, фæлæ уым уæвын у цардæн тæссаг. Ӕххуыс сын никуыцæй ис. Иухатт мæм сылгоймаг æрбацыд æмæ кæугæйæ дзуры, зæгъгæ, уæд та тынг мит куы ныууарид æмæ йæ быны куы фæуаиккам. Чизоны дам нæм уæд йæ хъус исчи æрдарит", — загъта Кокойты Илья.

Ног хабӕртты лентӕ
0