Бибылты Анатолий: Хаджимбайы авторитет зындгонд у Абхазæн æддейæ дæр

Рауля Хаджимба
Рауля Хаджимба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы президент æртыццæджы нысан кæны йæ райгуырæн бон, ацы боны фæдыл ын раарфæ кодта хуссарирыстойнаг коллегæ Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Уæлдæр паддзахадон бынæтты дæргъвæтин æзты кусгæйæ йæ энерги, нысанæвæрд æмæ разы æвæрд хæстæ æххæст кæнынмæ тырнындзинад сарæзтой Рауль Хаджимбайæн аккаг авторитет æмæ арф цыткæнынад куыд республикæйы, афтæ уымæн æддейæ. Уый тыххæй дзырдæуы Бибылты Анатолийы арфæйы телы йæ абхазаг коллегæйы адресыл.

Хаджимбайы балц: кӕм уыд ӕмӕ кӕимӕ фембӕлд Цхинвалы Абхазы президент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хаджимбайы балц: кӕм уыд ӕмӕ кӕимӕ фембӕлд Цхинвалы Абхазы президент

"Уый у нысаниуæгджын царды дуг, кæцы иуæрдыгæй нысан кæны райгуырæн Абхазы хæрзиуæгæн чысыл æмæ егъау хъуыддæгты æнтыстытæ æмæ фæлтæрддзиныд, аннæрдыгæй та – ног ææнтыстытæн уæрæх перспективæтæ", — дзырдæуы арфæйы телы.

Бибылты Анатолий равдыста ныфс, Абхаз æмæ Хуссар ИЫрстоны æхсæн æфсымæрон ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты кæрæдзийæн цыткæнынад æмæ æууæнчы принциптыл.

Рауль Хаджимба райгуырд 1958 азы 21 марты. 2014 азы æвзæрст æрцыд Абхазы президентæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0