"Иугонд Ирыстон" æххуыс кæндзæн хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæн"

© Пресс-служба парламента РЮОПолитикон парти "Иугонд Ирыстон" æмæ сывæллæтты хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ" бафыстой æмгуыстады фæдыл сразыдзинад
Политикон парти Иугонд Ирыстон æмæ сывæллæтты хæрзаудæн фонд Лæвар базыртæ бафыстой æмгуыстады фæдыл сразыдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ" æххуыс кæны уæззау рынчын сывæллæттæн куыд хи тыхтæй, афтæ хицæн адæймæгты æмæ организациты æххуысæй дæр

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Политикон парти "Иугонд Ирыстон" æмæ сывæллæтты хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ" бафыстой æмгуыстады фæдыл сразыдзинад, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службæ. Бадзырдыл къухфысттæ сæвæрдтой фонды хистæр Цхуырбаты Татьяна æмæ парти "Иугонд Ирыстоны" сæргълæууæг Тадтаты Алан.

Цхуырбаты Татьяна банысан кодта, бадзырд кæй ратдзæн фылдæр фадæттæ сывæллæттæн æххуыс кæнынæн.

"Ацы сразыдзинад нын дæтты фадат дарддæр дæр æххуыс кæнын рынчын сывæллæттæн. Фонд йæ куыст куы райдыдта, уæд парти "Иугонд Ирыстон" уыд фыццаг, мах презентациимæ æххуысы фæдыл кæмæ бахатыдыстæм. Мах ракуырдтам æххуыс æмæ нын Алан Сергейы фырт æвæстиатæй фæдаргъ кодта йæ къух. Мах тынг цин кæнæм, ахæм æмгæрттæ нын кæй ис. Ныртæккæ ис бирæ сывæллæттæ, кæцыты хъæуы æххуыс æмæ нын уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг сты спонсортæ", — загъта уый.

Фонды директор банысан кодта, ныридæгæн кæй ис цалдæр сывæллон, кæцытæн комкоммæ æххуыс бакæндзæн "Иугонд Ирыстон".

Фонд Лæвар базыртæ баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонд "Лæвар базыртæ" баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн

Цхуырбаты Татьяна бахахх кодта, фонд кæй нывæнды йæ архайд фæуæрæхдæр кæнын, æмæ равдыста ныфс, æмрæстæджы кæй фæфылдæр уыдзæн спонсорты нымæц дæр.

Партийы лидер ныфс бафæрдта, парти "Иугонд Ирыстон" цы йæ бон у, уымæй кæй æххуыс кæндзæн фондæн.

Амæй размæ фонд бафыста сразыдзинад "Мегафон – Хуссар Ирыстон"-имæ, цæмæй сын рахицæн кæной цыбыр смс-номер 000757*, æмæ ныр кæй фæнды, уыдонæй алкæмæн дæр ис фадат æххуыс бакæнын, ацы номырмæ ХОРЗ арвитгæйæ.

* СМС аргъ — 33 сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0